Хасты быдыры

Залина Абаева
               Аз тохы дан.

Аз тохы дан ма ныййараг,ма мад...
Фалтау куы никуы федтаин ма цастай.
Ма сарма никуы бахастон агад,
Фала ма зарда  ам ныттыппыр мастай.

На зыдтон аз,куыд харзад у кардзын,
Куыд адджын у саумарайсомы уалдаф...
Ма фыны алы 'хсав цъах арв уынын,
Сылгоймаджы фалгонц, ваййы уый де 'нгас...

На зыдтон аз - налгоймагта кауынц
Куы быййафы намыг хъайтар амгартты...
Ма зардыл ма да ныхаста лаууынц :
" Зын уавары иу ма ныууадз амбалтты ".

Аз ай зыдтон, алгъаг на каны хаст...
Уалдай йын нау - заронд ави сываллон.
Хъаддаг сырдау йахи ныццавы  'васт.
Тугмондаг цыма уыд ,лагмар , царанбон.

Аз тохы дан ма ныййараг, ма мад,
Фалтау куы никуы федтаин ма цастай.
Ма сарма никуы бахастон агад,
Фала ма зарда ам ныттыппыр мастай...

                14.09.2022аз.