Алолай

Зара Валиева
Бамбаехс бон сау авгы,
Дард зынгты, дард фаендты,
Заердаейы  ныхаестае
‘Рвитын дын дае фаестае,
Урс фаендаг фауает маей
Аргьаудтаей, рауфынтаей,
Баестаейы каеронаей
Зарындын сабыраей:
Алолай, алолай.
Райсоммае стъалытае
Арвы сау базыртаей
‘Рттивджысты фардгуытаей,
Сызгъаерин гагатай.
Батайает фаесмонтае,
Ма нымай знонбонтае,
Баестаейы каеронаей
Зарындын сабыраей:
Алолай, алолай,
Хуры тын бамбаехсы,
Арв йае риу бамбаерзы,
Хсаевы заед баелаестаей
Ружгуыты ‘рбакаесы.
Дае зын дын чи фаерсы,
Дудгае рыст чи исы,
Баестайы каеронаей
Зары дын сабыраей:
Алолай, алолай